Ирыстонæй ацæугæ нæлгоймаджы мæрдон буар ссардтой Сахалины

Цауы бынат басгаргæйæ, æвзонг нæлгоймаджы амæлæты аххосаг не 'сбæлвырд ис, йæ мæрдон буар ын арвыстой тæрхондонон-медицинон экспертизæмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Сахалины хуссар-скæсæйнаг хайы барадхъахъхъæнæн органтæ уадзынц басгæрст 29-аздзыд нæлгоймаджы амæлæты фæдыл, хъусын кæны 15 регион УФ Слестгæнæн комитеты слестгæнæн управленийы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймаг уыд Ирыстонæй ацæугæ.

Цауы бынат басгаргæйæ, æвзонг нæлгоймаджы амæлæты аххосаг не сбæлвырд ис, йæ мæрдон буар ын арвыстой тæрхондонон-медицинон экспертизæмæ.

Ныртæккæ уагъд цæуы басгæрс, барадхъахъхъæнджытæ кусынц нæлгоймаджы амæлæты аххосæгтæ сбæлвырд кæныныл.