Дзæуджыхъæуы мысынц сæйраг базары 22 азы размæ æрцæугæ теракты амæттæгты

1999 азы 19 марты Дзæуджыхъæуы сæйраг базары срæмыгъта хиконд рæмудзæн. Уыцы теракты фæмард фæндзай дыууæ адæймаджы, сæдæ æхсай аст адæймаджы та райстой уæззау цæфтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Цæгат Ирыстоны майрæмбоны мысынц 22 азы размæ Дзæуджыхъæуы сæйраг базары теракты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Дзæуджыхъæуы абон ацыдысты мысæн мадзæлттæ.

Дзӕуджыхъӕуы не ‘руагътой теракт

1999-æм азы 19 марты боны иуæндæс сахаты æмæ цыппор минутыл Дзæуджыхъæуы сæйраг базары срæмыгъта хиконд рæмудзæн. Уыцы теракты фæмард фæндзай дыууæ адæймаджы, сæдæ æхсай аст адæймаджы та райстой уæззау цæфтæ.

"Дзæуджыхъæуы абон мысынц, дыууын дыууæ азы размæ горæты сæйраг базары теракты чи фæмард, уыдон нæмттæ. Террористтæ голладжы бавæрдтой хиконд рæмудзæн халсартимæ. Йæ тых тротилæй баргæйæ уыдис фондз килограммы", - хъусын кæны ПТРК "Алания.

Теракт саразджытæн стæрхон кодтой 2003-æм азы. Адам Цуров цæрæнбонты фæбаддзæн ахæстоны, иннæтæ та — чи дыууын æртæ, чи та дæс азы. Террористтæй иу амард тæрхоны размæ.

Дзæуджыхъæуы мысынц сæйраг базары 22 азы размæ æрцæугæ теракты амæттæгты