Цæгат Иры райдыдта басгæрст æхсæзмæйдзыд сабийы мæлæты фæдыл

Фæдысгарджытæ басгардзысты æнамонд хабары лыстæг хæйттæ, кæцытæ расайдтой æнаджом сывæллоны мæлæт Цæгат Ирыстоны Мæздæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Цæгат Ирыстоны райдыдта басгæрст æхсæзмæйдзыд сабийы амæлæты фæдыл, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитеты слестгæнæн управленийы пресс-службæ.

Ӕнамонд хабар æрцыд знон, 21 марты, Мæздæджы хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы.

"Ваннæйы мад йæхи надта йæ 6-мæйон сывæллонимæ иумæ æмæ афынæй. Сывæллон фæхуыдыг. Цауы фæдыл Мæздæджы районы слестгæнæн хайад уадзы процессуалон басгæрст", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ныртæккæ фæдысгарджытæ уадзынц мадзæлттæ цауы лыстæг хæйттæ рабæрæг кæныныл. Басгæрсты фæдыл ист æрцæудзæн процессуалон скъуыддзаг.