Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй электрохаххыл аварийы тыххӕй

Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы нырма сӕ бон нӕу зӕгъын, кӕд сӕндидзын кӕндзысты электроифтонгад Хуссар Ирыстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстон баззад ӕнӕ рухсӕй электрондыхыхы хахх "Цӕгаттаг портал-Дзау"-ы аварийы тыххӕй, фехъусын кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.

Республикӕйы рухс ахуыссыд дыццӕджы ӕхсӕвы къӕвдайы рӕстӕджы.

"Авари ӕрцыд "Цӕгаттаг портал-Дзау" хаххыл. Специалисттӕ ныридӕгӕн ацыдысты, фӕлӕ нырма не ссардтой аварийы бынат", - банысан кодтой "Энергоресурс"-ы.

Уагдоны нырма сӕ бон нӕу зӕгъын, кӕд сӕндидзын кӕндзысты электроифтонгад республикӕйы.