Хуссар Иры УУМ радзыртой Транскамы уавæры тыххæй

Уæлвæткон уагдоны информацимæ гæсгæ, Транскамы митуард æмæ зæйтæ аххосæй фæндаг æртыццæджы уыдзæн æхгæд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Транскавказаг автомагистраль нæ бакæндзысты æртыццæджы, трассæйыл 'рцыд зæйтæ æмæ æнæрлæугæ уары мит, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службæйы

Транскамыл ӕрцыд зӕйтӕ: УУМ радзырдтой фӕндагыл уавӕры тыххӕй

Дыццӕджы, 21.00 сахатӕй фӕстӕмӕ Транскамыл сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд.

"Транскавказаг автомагистралы хуссар фарс абон асыгъдæг котой дыууæ зæйы, фæлæ цæгаттаг порталы æрцыд ног зæйтæ æмæ æнæрлæугæйæ уары мит. Æртыццæджы Транскам нæ бакæндзысты", - банысан кодтой уагдоны.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.