Хуссар Иры хицауад баххуыс кӕндзӕн бинонтӕн, кӕцытӕн басыгъд сӕ хӕдзар

Паддзахадӕй финансон ӕххуыс Дзауы районы цӕрӕг бинонтӕ райсдзысты 100 мин сомы бӕрц, фехъусын кодтой хицауады рабадты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет ӕртыццӕджы рабадты рӕстӕджы аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын финансон ӕххуыс Дзауы районы цӕрӕг Гӕззаты Ахметӕн, кӕцыйы хӕдзар ӕмӕ исбон басыгъдысты зынгсирвӕзты рӕстӕджы.

100 мин собы бӕрц финансон ӕххуыс хицӕн ӕрцӕудзӕн хицауады фӕстауӕрцон фондӕй.

Хуссар Иры хицауад финансон ӕххуыс бакӕндзӕн Хъорнисы цӕрӕгӕн йӕ хӕдзары басыгъды фӕдыл

"Хъӕуы баххуыс кӕнын не 'мбӕстаг Гӕззаты Ахметӕн. Уый фесӕфта йӕ фӕллой иууылдӕр зынгсирвӕзты рӕстӕджы. Уый стыр фыдбылыз у", - загъта Бибылты Анатолий.

Раздӕр ма хицауад рахицӕн кодта йӕ бинонтӕн 900 мин сомы ног хӕдзары арӕзтадӕн.

Уымӕй дарддӕр ма Гӕззаты бинонтӕн ныфс бавӕрдтой баххуыс кӕнын сӕ хӕдзар саразыны хъуыддаджы дӕр - арӕзтад райдыдта Ахметы фырттӕй иу.

Уымӕй дарддӕр ма абоны рабадты министрты кабинет аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын хицауады фӕстауӕрцон фондӕй фондз милуан сомы, кӕцытӕ ацӕудзысты "сырх зонӕты" кусӕг медиктӕн фиддонтӕн.