Электрон хаххыл аиуварс кодтой дыккаг авари. Республикӕмӕ тагъд ратдзысты рухс

Республикӕйы дыккаг бон рухс нӕй электрон хаххыл аварийы тыххӕй. Хуссар Ирыстоны сабидӕттӕ ӕмӕ скъолатӕ нӕ кусынц, зиан хӕссынц амалиуӕггӕнджытӕ.
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонмӕ электрохаххыл дыккаг авари иуварсгонд  'рцыд, ӕвахс рӕстӕджы горӕтмӕ ратдзысты рухс, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта аварийы бынаты кусӕг.

"Ныридӕгӕн дыккаг авари иуварс 'рцыд, рухс баиу уыдзӕн ӕввахс рӕстӕджы",- загъта уый.

Республикӕйы дыккаг бон рухс нӕй электрон хаххыл аварийы тыххӕй. Хуссар Ирыстоны сабидӕттӕ ӕмӕ скъолатӕ нӕ кусынц, зиан хӕссынц амалиуӕггӕнджытӕ.

Авари аиуварс кӕныныл архайдтой УУМ, МХМ, "Энергоресурс", сӕ техникӕ ракодтой Спорты комитет ӕмӕ "Дорэкспострой". Ӕртыццӕджы ӕххуысмӕ ссыдысты паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы кусджытӕ дӕр.