ХИПУ ацыд фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны церемони

Мадзал традицимӕ гӕсгӕ ацӕуы октябры-ноябры, фӕлӕ йӕ карантины тыххӕй аргъӕвтой. Бӕрӕгбон ацыд марты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны церемони. Бӕрӕгбон аргъӕвтой мартмӕ карантинон мадзӕлтты тыххӕй, кӕцытӕ бакодтой республикӕйы ивгъуыд аз октябры. ХИПУ студенттӕй бирӕтӕ ацыдысты волонтертӕй "сырх зонӕмӕ".

ХИПУ ацыд фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны церемони

Университеты ректор Тедеты Вадим раарфӕ кодта студенттӕн, кӕцытӕ ивгъуыд аз райдыдтой сӕ студентон цард. Ректор загъта бузныг бӕрӕгбонон мадзалы хайадисджытӕ ӕмӕ организатортӕн, афтӕ ма радзырдта ахуырадон уагдоны ног ӕнтыстыты тыххӕй.

ХИПУ ацыд фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны церемони
"2007 азӕй фыццаг хатт академион стипенди 30 проценты фӕфылдӕр. Афтӕ ма, 14 иууыл хуыздӕр студенты исынц президентон стипенди. Ноджы дӕс студенты та – БТК-къорды разамонӕг Болоты Таймуразы стипенди. Инженерон-экономикон факультеты ӕртӕ студенты исдзысты стипенди, кӕцы снысан кодта Хуссар Ирыстоны Национ банчы директорты совет", - загъта Тедеты Вадим.

Студенттӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий. Уый банысан кодта, министрадтӕ, уагдӕттӕ ӕмӕ комитетты разамонджыты 90 проценты сты ХИПУ рауагъдонтӕ. Президент бафтыдта, университеты престиж кӕй у баст йӕ студентты ахуыры ӕмвӕзадыл.

ХИПУ ацыд фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны церемони

Мадзал адарддӕр кодта концертон программӕ, цы ран хайад райстой ХИПУ хореографион ансамбль Ӕлборты Гемиры къухдариуӕгады бын, ВИА ХИПУ, Джиоты Люба, Харебаты Марта ӕмӕ ӕндӕртӕ.