Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой цыппар ног рынчыны коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 19 992 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3193 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой цыппар ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтӕуыд 84 иртӕсты, уыдонӕй цыппар радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна банысан кодта, ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой ноджы фондз адӕймаджы, дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 390 рынчыны.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 19 992 иртӕсты коронавирусырабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3193 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, 2803 пациенты сӕнӕниз сты.