Хуссарирыстойнаг "Барсалантӕ" стох кӕндзысты футболон турниры "Hopes cup"

Хуссарирыстойнаг спортсментӕ ӕрвылбон дӕр кӕнынц тренировкӕтӕ ӕмӕ цӕттӕ сты сӕ дӕсниад сӕ фыццаг хъазты равдисынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ӕвзонг футболисттӕ Хуссарирыстойнаг командӕ "Барсалантӕй" ерыс кӕнынц "Hopes cup 2021"-ы уалдзыгон кубокы сӕраппонд. Ӕппӕтуӕрӕсейон турнир уагъд цӕуы Сочийы Олимпион хъӕуы 15 мартӕй 15 апрельмӕ, радзырдта Sputnik командӕйы тренер Хъазиты Алан.

Футболисттӕ Хуссар Ирӕй расгуыхтысты турниры Дзӕуджыхъӕуы

Уый банысан кодта, ахӕм турниртӕн кӕй ис сезонон характер ӕмӕ уагъд фӕцӕуынц афӕдзы мидӕг цалдӕр хатты. Кӕддӕрты сӕ хайад райсынц ӕндӕр республикӕтӕй командӕтӕ дӕр, фӕлӕ дзы ныртӕккӕ архайдзысты ӕрмӕстдӕр уӕрӕсейӕгтӕ.

"Ныртӕккӕ турниры архайынц фӕйнӕ 16 командӕйы алы кары категорийы дӕр. Мах хайад райсдзыстӕм дыууӕ категорийы - 2010 ӕмӕ 2011 азы гуырд футболистты хсӕн", - загъта тренер.

Хуссарирыстойнаг футболисттӕ хъазӕн фӕзмӕ рахиздзысты 1 апрелы. Хъазиты Алан куыд банысан кодта, афтӕмӕй фыццаг хъазты сӕ ныхмӕлӕуджытӕ нырма бӕрӕг не сты. Уый бафтыдта, турниры ма хайад кӕй исынц Цӕгатирыстойнаг футболы академийы командӕ дӕр.