Цӕгат Иры дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

Республикӕйы ивгъуыд суткӕ рабӕрӕг кодтой ноджы 17 фӕрынчынуӕвӕджы тӕссаг коронавирусон инфекцийӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны "Роспотребнадзор" фехъусын кодта ноджы дыууӕ адӕймаджы мӕлӕты тыххӕй коронавирусон инфекцийӕ. Уый адыл республикӕйы COVID-19-ы амӕттаг баисты 162 адӕймаджы.

"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, майрӕмбоны райсоммӕ республикӕйы срегистраци кодтой 17 ног фӕрынчынуӕвӕджы вирусӕй. Амбулаторон хоскӕнынадыл сты 627 адӕймаджы, ноджы ма 62 пациенты та хос кӕнынц стационарон уавӕрты. 

Коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц Цӕгат Иры схызт 16273 онг, 15422 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ. Бӕстӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 4 492 692 адӕймагӕй фылдӕр.