Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты Минводты гом турниры уӕлахиздзаутӕ

Кӕд ацы турнир кӕцыдӕр спортсментӕн уыд фыццаг фӕлтӕрддзинад, уӕддӕр уыдон равдыстой хорз фӕстиуджытӕ, банысан кодта тренер
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг ӕхсӕз ӕрыгон боксеры рамбылдтой уӕрӕсейаг горӕт Минводты гом турнир. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта боксы тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Уӕлӕхиздзаутӕ ссисты Дзигойты Ацӕмӕзы дыууӕ хъомылгӕнинаг Багаури Тамаз ӕмӕ Аджиты Владимир, стӕй ма тренер Тедеты Александры спортсментӕ - Гӕбӕраты Алим, Плиты Эрик, Къӕбулты Арсен ӕмӕ Уалыты Аслан.

"Хорз стох кодтой фӕсивӕд, рӕдыдтытӕ та федтам ерысгӕнӕн фӕлтӕрддзинады фӕрцы ӕмӕ сыл ныр бакусдзыстӕм, рараст сӕ кӕндзыстӕм", - загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, ацы турнир кӕцыдӕр спортсментӕн кӕй уыд фыццаг фӕлтӕрддзинад.

Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты Минводты гом турниры уӕлахиздзаутӕ

Ерысты ӕвзист призертӕ та ссисты Санахъоты Дауыт (тренер Куымӕридтаты Родион) ӕмӕ Плиты Вадим (тренер Тедеты Александр).

Горӕт Минводты гом турнир цыд 25-28 марты 2010-2009 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн. У ӕрвылазон спортивон мадзал, Хуссар Ирыстон ацы турниры вӕййы ӕдзухон архайӕг.