Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты финалисттӕ

Турниры финалон тохты уӕлахизы фӕрцы хуссарирыстойнаг спортсменты къухты бафтдзӕн Уӕрӕсейы фыццагады хайад райсыны фадат
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы дыууӕ хъомылгӕнинаг Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан ссисты профцӕдисты спортивон ӕхсӕнад "Россия"-йы централон советы фыццагады финалисттӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ Фӕсивӕдон политикӕӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.

Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты финалисттӕ

Ерыстӕ цӕуынц Краснодары крайы 13-14 аздзыд спортсменты хсӕн. Цхуырбаты Арсен архайы 66 килограммы онг уӕзы категорийы, Гатыгкоты Аслан та - 60 онг категорийы.

"Дыццӕджы тренертӕ Тедеты Алик ӕмӕ Куымӕридтаты Родионы хъомылгӕнинӕгтӕ ауадздзысты финалон фембӕлдтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы ма быфтыдтой, турниры финалон тохты уӕлахизы фӕрцы хуссарирыстойнаг спортсменты къухты кӕй бафтдзӕн Уӕрӕсейы фыццагады хайад райсыны фадат.