Джусойты Сослан: советон дуджы дины ныхмæ тохгæнджытæн "Гигойы куадзæн" фæци æвдадзы хосау
© Sputnik
Коцойты Аресен ирон литературæйы уыд ирд фæзынд, йæ радзырдтæ, сæ нымæцы "Гигойы куадзæн", хаст æрцыдысты скъолайы программамæ. Джусойты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ, ацы радзырд афтæ аив фыст у, æмæ советон дуджы дины ныхмæ тохгæнджытæн фæци æвдадзы хосау.
"Хъуыды йæ кæнын æмæ йæ куы кастæн, уæд тынг смæсты дæн. Сауджын æмæ диакъоны ахæм ахорæнтæй сныв кодта Арсен, цымæ карикатурон сауджын у, афтæ", – банысан кодта Сослан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы радзырд чи бакаст, уымæн сауджын æнæуынон суыдзæн, æмæ уыцы фæлгондзæй спайда кодта советон пропагандæ.
"Ацы радзырд нысан кодта, дины кусджытæ иууылдæр сæ гуыбыны фæдыл кæй цæуынц, адæмы знæгтæ кæй сты æмæ дин адæмæн зиан кæй хæссы, уый", - бафиппайдта лæппу.
Сослан ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы радзырд ахæм курдиатджын фыст у, æмæ рæстæг куыдфæнды ма ива, уæддæр ын алы периоды дæр уыдзæн йæхи контекст.
Лæмбынæгдæр байхъусут аудиоæрмæджы.