Хуссар Иры МСНК марш-бросокы сбӕрӕг кодта иууыл тыхджындӕртӕ ӕмӕ фӕразондӕрты

Сӕрмагонд къорды дӕлхайӕдты хсӕн ахӕм ерыстӕ уагъд цӕуынц иудадзыг, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной кусджыты физикон цӕттӕдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) дӕлхайӕдтӕ сӕххӕст кодтой асткилометрон марш-бросок Цхинвалы районы Хеиты хъӕуы, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры МСНК сбӕрӕг кодтой иууыл тыхджындӕр кусджыты

Ерысты хайадисджытӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты дислокацийы бынатмӕ хӕстон экипировкӕ ӕмӕ табелон хӕцӕнгӕрзтимӕ, банысан кодтой уагдоны.

"Ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уӕлахидзау ссис дыккаг оперативон ротӕ, уыдон равдыстой фӕразондзинад ӕмӕ хорз физикон цӕттӕдзинад", - загътой МХМ.

Дыккаг бынатыл ацыд МСНК фыццаг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынатыл та ӕртыккаг оперативон ротӕ.