Цæгат Иры бакодтой уголовон хъуыддаг мадыл йæ æхсæзмæйдзыд сабийы мæлæты фæстæ

Сылгоймаг йæ чысыл сывæллонимæ йæхи надта ваннæйы æмæ афынæй - сывæллон æнæркастæй аззайгæйæ фæхуыдыг ис
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой уголовон хъуыддаг республикæйы цæрæг сылгоймаджы ныхмæ, кæцы аххосджын цæуы йæ æнахъом сабийы æнæркастæй ныууадзыны, цæй фæстиуæгæн сывæллон амард. Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы слестгæнæн управленийы пресс-службæ.

Цæгат Иры æнахъом саби фæхуыдыг ваннæйы

Трагеди æрцыд 21 марты горæт Мæздæджы хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы.

"Йæ æхсæзмæйдзыд сывæллонимæ ваннæйы йæхи найгæйæ 32-аздзыд сылгоймаг афынæй. Сывæллон æнæркастæй аззайгæйæ фæхуыдыг ис", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ныртæккæ уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты æнамонд хабары лыстæг хæйттæ раргом кæнынмæ.