Фӕндагон службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой дуртӕй Транскам, трассӕ кусы штатон режимы

Знон изӕры фӕндагмӕ ӕркалдысты дуртӕ, кӕцытӕ ӕрыхгӕдтой фӕндагон змӕлд трассӕйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Фӕндагон службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой Транскавказаг автомагистраль дуртӕй ӕмӕ хуылыдз митӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

"Фӕндаг ссыгъдӕг кодтой. Ныртӕккӕ Транскамыл мит нал уары. Фӕндагон змӕлдыл арӕнӕвӕрдтӕ нал ис", - радзырдта ныхасӕмбал.

Цыппӕрӕмы изӕры Транскамы хуссарирыстойнаг хайыл Ручъы тоннельмӕ хӕстӕг ӕркалдысты дуртӕ, кӕцытӕ ӕрӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд. Фӕндагон службӕтӕ уайтагъд бавнӕлдтой Транскам сыгъдӕг кӕнынмӕ.