Ирон зарæг куыннæ ива, уæд суыдзæн музейы экспонат – Берозты Таму

Музыкант Берозты Таму радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон зарæджы æмæ музыкæйы райрæзты тыххæй
Sputnik
Ирон зарæг куыннæ ива, уæд суыдзæн музейы экспонат – Берозты Таму

Адæмон зарджытæ ныры дуджы онг æрхæццæ сты æрмæст зарæггæнджыты уылты нæ, фæлæ ма нæ зындгонд музыканттæ экспедициты цы æрмæджытæ ныффыстой, уый руаджы дæр, ахæм у Берозты Тамуйы хъуыды. Фæлæ уыцы экспедициты фыстгонд зарджытæ адæм æххæст кодтой бирæ верситы, кæцытæй-иу æрмæстдæр иу хуыз æрцыд фыст. Берозты Таму куыд радзырдта, уымæ гæсгæ алы зарæг дæр хъуамæ ива, цæмæй цæра.

"Зарæг гыццыл улæфгæ куыннæ кæна, уый гæнæн нæй. Алы кадæггæнæг æмæ алы амонæг дæр æм йæхи æмбарынад хъуамæ æфтауа", - загъта музыкант.

Берозты Тамуйы хъуыдымæ гæсгæ, мелодимæ дæр æмæ зарæгмæ дæр хъæуы ивындзинæдтæ бахæссын, цæмæй йын дарддæр цард уа æмæ йæ чи зары, уый ма сфæлмæца уыцы иугъуызон зардæй.

"Бирæтæ дзурынц, зæгъгæ, ацы мелодимæ æвналæн нæй, мæнæ йæ кæцыдæр фæндырдзæгъдæг куы ацагъта, афтæ хъуамæ баззайа. Фæлæ афтæ куы уа, уæд сом ирон музыкæ суыдзæн музейы экспонат", - банысан кодта зарæггæнæг.

Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, Мæхæмæты зарæг сæдæ азы размæ куыд азарыдысты, афтæ йæ куы зарай ныр дæр, уæд банымæг уыдзæн  ирон зарæг æмæ иумæйагæй музыкæ.