Пайда ӕмӕ циндзинад: куыд фидар кӕнынц се ‘нӕниздзинад Згъубиры интернаты ахуырдзаутӕ

Цхинвалы скъола-интернаты дӕс хъомылгӕнинаджы иу къуырийы дӕргъы сты пансионаты Згъубиры хъӕуы
Sputnik

Скъоладзаутӕ фидар кӕнынц се ‘нӕниздзинад ӕмӕ улӕфынц горӕты цардӕй. Фӕсивӕдӕй алкӕмӕндӕр ис проблемӕтӕ се ‘нӕниздзинадимӕ – ахсӕны, уыргты ӕмӕ цармы низтӕ.

Балц сорганизаци кӕнынӕн сын баххуыс кодта сывӕллӕтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна, кӕцы бадзырдта президент Бибылты Анатолимӕ – паддзахады сӕргълӕууӕг финансон ӕххуыс бакодта фӕсивӕдӕн.

Сывӕллӕттӕ сӕхицӕн хос кӕнынц ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕрвитынц уалдзыгон каникултӕ. Уыдон зӕрдиагӕй дзурынц, уайтагъд кӕй сахуыр сты бынӕттон царды уагыл.

Се ‘рцыды фӕстӕ уыдонӕн райдыдта хоскӕнынад, кӕцытӕ у спа-процедурӕты хуызӕн. Сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ алцыдӕр цӕуы – уыдон цӕрынц уазӕгуарзӕг хицаумӕ, сӕ сӕрибар рӕстӕг та ӕрвитынц сыгъдӕг уӕлдӕфмӕ дзоныгътӕ ӕмӕ къахдзоныгътыл быргӕйӕ.