ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы ноджы дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусы диагнозимӕ. Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 амӕттӕгтӕ баисты 166 адӕймаджы. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы дӕргъы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 16 ног рынчыны коронавирусӕй.
"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 2 апрельмӕ сбӕрӕг кодтой 16 385 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй (+16 иу суткӕмӕ)", - фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
Фӕрынчынуӕвджытӕй 15 568 сӕнӕниз сты, 166 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 54 адӕймаджы, 597 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы фӕндзӕм бынат АИШ, Инди, Бразили ӕмӕ Францийы фӕстӕ. Бӕстӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 4 554 264 адӕймаджы.