Хуссар Иры рабæрæг кодтой авд ног рынчыны коронавирусæй - Югосетпотребнадзор

Тæссаг инфекцион низ рафæлгъауыны тыххæй Хуссар Ирыстоны сарæзтой 20 минæй фылдæр тесты - æвæрццаг фæстиуæг разынд 3 237 адæймагæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны рабæрæг кодтой авд ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста ивгъуыд майрæмбоны бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цӕгат Иры коронавирусӕй амардысты ноджы дыууӕ адӕймаджы

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"Майрæмбоны саразгæ 81 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой 13 тесты", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой авд адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2 862 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 375 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 458 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 237 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.