Цӕгат Иры сбӕрӕг кодтой 16 ног рынчыны коронавирусӕй

Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 15 фӕрынчынуӕвӕджы, пандемийы райдайӕнӕй коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 16 449 адӕймагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой 16 ног рынчыны коронавирусӕй. Республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 16 449 адӕймаджы, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Хуссар Иры рабæрæг кодтой авд ног рынчыны коронавирусæй - Югосетпотребнадзор

Фӕрынчынуӕвджытӕй 15 643 сӕнӕниз сты, 166 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 57 адӕймаджы, 583 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы фӕндзӕм бынат АИШ, Инди, Бразили ӕмӕ Францийы фӕстӕ. Бӕстӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 4 589 540 адӕймаджы.