ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Фыццаг космонавт Юрий Гагарины фæлгонц Цхинвалы 12-æм скъолайы къулыл, кæцы ивгъуыд æнусы 70-æм æзтæй фæстæмæ хæссы йæ ном, дзурæг у æрмæст ахуырадон уагдоны нæ, фæлæ æнæхъæн Хуссар Ирыстоны адæм стыр кад кæй кæнынц стыр космонавтæн, ууыл. Ахæм хъуыды равдыста Хуссар Иры Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов.
Фыццаг космонавты стыр æмæ рæсугъд фæлгонц фæлгонц фæзынд скъолайы къулыл апрелы фыццаг бонты. Фасад сфæлындыны хъуыды æрцыд скъолайы ахуырады хайады гæс Дзæгъиаты Еленæмæ. Уый йæ фæнды тыххæй радзырдта Скворцов æмæ УФ минæвар РХИ Марат Кулахметовæн.
"Махæн ацы хъуыды нæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ мын минæвар бахæс кодта йæ сæххæст кæнын. Мах бакуыстам Россотрудничествойы хаххыл, сарæзтам æнæмæнгхъæуæг бадзырдтæ æмæ райстам разыдзинад", - радзырдта Скворцов.
Уый бафтыдта, фæнд среализаци кæныныл кæй бакуыстой нывгæнджытæ-æмкъæйттæ Джиоты Къоста æмæ Дзигойты Карина. Эскиз дæр бацæттæ кодтой уыдон сæхæдæг. Æвзонг бинонтæ бакодтой стыр куыст, архайдтой æхсæвæй-бонæй, цæмæй фæлгонц сцæттæ уыдаид рæстæгыл, кæд сæ боныгъæдтæ къуылымпы кодтой, уæддæр.
Скворцов бафтыдта, мурал официалон æгъдауæй кæй бакæндзысты 12 апрелы - Космонавтикæйы боны.