Хуссар Иры милици рахызт дарӕсы сӕрдыгон формӕмӕ

Ӕввахс рӕстӕджы Мидхъуыддӕгты министрады ауадздзысты рӕнхъон фӕлгаст, кӕцыйы рӕстӕджы басгардзысты кусджыты дарӕс ӕмӕ службӕйон бӕлвырдгӕнӕн документты уӕвынад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб бафыста барамынд дарӕсы сӕрдыгон формӕмӕ рахизыны фӕдыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры цæрæг барвæндæй радта милицимæ карабин

Сӕрдыгон периоды кусынмӕ цӕттӕдзинады фӕдыл мидхъуыддӕгты органты кусджытӕн ӕввахс рӕстӕджы ауадздзысты рӕнхъон фӕлгаст.

Фӕлгасты рӕстӕджы басгардзысты кусджыты дарӕс, ӕддаг хуыз ӕмӕ службӕйон бӕлвырдгӕнӕн документты уӕвынад.