Цхинвалы ацӕудзӕн турнир шашкӕтӕй Космонавтикӕйы боны цытӕн

Ерыстӕ нывонд сты советон тӕхӕг-космонавт Юрий Гагарины фыццаг атахтӕн космосмӕ 12 апрелы 1961 азы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн турнир шашкӕтӕй, кӕцы нывонд у адӕймаджы фыццаг атахтӕн космосмӕ, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны Шашкӕты федерацийы президент Лолоты Борис.

Гагарины мысгæйæ: Цхинвалы скъолатæй иуы фасад сфæлыста ног арт-объект

"Цалдӕр боны фӕстӕ 60 азы ӕххӕст кӕны Юрий Гагарины атахтыл космосмӕ, уый фӕдыл фӕсивӕдон политикӕйы комитет, уӕлдӕр спортивон дӕсниады скъола ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Шашкӕты федераци аскъуыддзаг кодтой ауадзын турнир шашкӕтӕй сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгты хсӕн", - загъта федерацийы хистӕр.

Турниры хайад райсдзысты 24 хъазӕджы, сӕ нымӕцы 12 нӕлгоймаджы ӕмӕ 12 сылгоймаджы Цхинвал, Къуаиса ӕмӕ республикӕйы районтӕй.

"Турнир ацӕудзӕн 9 ӕмӕ 10 апрелы. Фыццаг бон хъаздзысты сылгоймӕгтӕ, дыккаг бон нӕлгоймӕгтӕ", - банысан кодта Лолоты Борис.

Федерацийы президент бахахх кодта, турнир кӕй ацӕудзӕн Цхинвалы районы администрацийы бӕстыхайы 10.00 сахатыл.