ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы армрестлингы скъолайы хъомылгӕнинаг Гасситы Сослан ссис Омскы уагъд цӕуӕг турнир "Сибирский медведь"-ы уӕлахиздзау, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Джиоты Валерий.
Ерыстӕ цыдысты 9-10 апрелы. Цхинвалы минӕвар тох кодта 110 килограммы уӕзы.
"Уӕрӕсе ӕмӕ ХПЦ бӕстӕты тыхджындӕр спортсменты хсӕн ирон ӕрмхӕцӕг уыд иууыл тыхджындӕр дыууӕ къухӕй дӕр. Финалы уый рамбылдта спорты сгуыхт мастер, дунейы бирӕ хатты уӕлахиздзау Артем Гришины", - загъта Джиоты Валерий.
Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортсмен ауагъта 12 ӕнтыстджын тохы.
Гасситы Сослан у иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ ӕрмхӕцӕг Хуссар Ирыстоны. Фӕстаг ӕхсӕз азы уый у Европӕ, дуне ӕмӕ ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты ӕдзухон лидер.
Гасситы Сослан ссис турнир "Сибирский медведь"-ы уӕлахиздзау ӕрмхӕстӕй
© Photo : Из личного архива тренера В.Джиоева