Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамыл уавӕры тыххӕй

Трассӕ кусы штатон режимы. Фӕндаджы цӕгатирыстойнаг хайыл ӕрбадт мигъд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Тӕркъӕвдатӕ нӕ бандӕвтой Транскавказаг автомагистралы куыстыл, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады. Фӕндагон змӕлд дыууӕрдӕм дӕр цӕуы ӕнӕ цӕлхдуртӕй.

"Хуссарирыстойнаг хайыл ӕркалсдысты дуртӕ. Фӕндагыл къӕвда нӕ уары", - радзырдтой уагдоны.

Уыимӕ иумӕ, цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Транскамы цӕгатирыстойнаг хайыл ӕрбадт мигъ, фӕндагмӕ та ӕркалдысты дуртӕ.