Хуссар Иры парламент сфидар кодта куырдиат генпрокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл

Генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл фарстмӕ хъуамӕ ӕркастаиккой парламенты ивгъуыд къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент хорзыл банымадта президент Бибылты Анатолийы куырдиат Дзӕгъиаты Уырызмӕджы республикӕйы генпрокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл. Уый тыххӕй къуырисӕры фехъусын кодтой закондӕттӕг органы президиумы рабадтыл.

Хуссар Иры нӕ ацыд парламенты президиумы рабадт

Ӕмбӕлон фарст рахӕсдзысты парламенты сессимӕ, кӕцы нывӕндынц ауадзын дыццӕджы, 13 апрелы.

Президент Бибылты Анатолий 26 марты банхъардта парламентмӕ Виталий Савченкойы кандидатурӕ Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры бынатмӕ, уымӕн ӕмӕ генпрокуратурӕйы ныры сӕргълӕууӕджы куысты ӕмгъуыд фӕцис апрелы.

Парламент нывӕндыд ӕркӕсын Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕнын ӕмӕ ног генпрокуроры снысан кӕныны фӕдыл фарстмӕ ивгъуыд къуыри. Фӕлӕ президиум ӕмӕ сессийы рабадтытӕ нӕ ацыдысты регламенты фӕдыл хъаугъаты тыххӕй. Фӕстӕдӕр генпрокурор фехъусын кодта, дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕндзӕн йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, цалынмӕ парламент не ‘ркӕса ацы фарстытӕм.