МХМ кусджытӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ

Уӕлахизы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕ кӕнынц Цхинвалы гарнизоны ӕфсӕддонтӕ дӕр, кӕцыты парадон къордтӕ рацӕудзысты бӕрӕгбонон маршӕй столицӕйы Театралон фӕзуатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) парадон къордтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 76-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парадмӕ.

Тренировкӕтӕ райдыдтой Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) плацыл, хъусын кӕны къуырисӕры МХМ пресс-службӕ.

"Тренировкӕты хайад исынц МСНК парадон къордтӕ, мидхъуыддӕгты министрады сылгоймаг кусджытӕ ӕмӕ тырысайы къордтӕ. Фӕстӕдӕр сӕм ӕрбаиу уыдзӕн МСНК ӕфсӕддон техникӕ дӕр, кӕцы рацӕудзӕн Театралон фӕзуатыл генералон репетицийы рӕстӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Парадмӕ цӕттӕкӕнынад кӕй райдыдтой хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ дӕр.

Хуссар Ирыстоны Уӕлахизы бӕрӕгбоны фӕлгӕтты ацӕудзысты традицион акцитӕ дӕр – "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы цыд ӕмӕ "Солдатский привал". Культурӕйы минитрады радзырдтой концерттӕ ӕмӕ ӕндӕр мадзӕлтты тыххӕй дӕр, кӕцытӕ нывонд сты бӕрӕгбонӕн.