Сӕрыстыр сӕ дӕн: ӕртӕ цхинвайлаг армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн

Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уыдон ӕртӕ дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕртӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы ссисты Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ студентты хсӕн. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта армспорты тренер Джиоты Валерий.

"Иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ, сӕрыстыр сӕ дӕн. Ӕртӕйӕ архайдтой ӕмӕ ӕртӕ сызгъӕрин майдан райстой. Уӕлахиздзаутӕ сты мӕ дыууӕ хъомылгӕнинаг Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен, стӕй ма тренер Коцты Дмитрийы спортсмен Сиукъаты Родион", - загъта Джиоты Валерий.

Ӕртӕ спортсмены дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты.

Уӕрӕсейы студентон чемпионат цыд 9-10 апрелы.

Сӕрыстыр сӕ дӕн: ӕртӕ цхинвайлаг армрестлеры рамбылдтой Уӕрӕсейы чемпионат студентты хсӕн