Югосетпотребнадзор радзырдта коронавирусимæ уавæры тыххæй

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 913 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 266 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны рабæрæг кодтой авд ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста ивгъуыд майрæмбоны бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"Майрæмбоны саразгæ 125 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой авд адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 899 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 367 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 913 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 266 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.