Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ссӕрибар кодтой Хуссар Иры генпрокуроры бынатӕй

Цӕстдардон уагдоны сӕргълӕууӕджы йӕ бынатӕй сисыны скъуыддзаг рахастӕуыд республикӕйы парламенты сессийыл. Абон ма депутаттӕ ӕркӕсдзысты ног прокуроры кандидатурӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ссӕрибар кодта Дзӕгъиаты Уырызмӕджы республикӕйы генералон прокуроры бынатӕй.

Хуссар Иры парламент сфидар кодта куырдиат генпрокуроры йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл

Президенты куырдиатмӕ ӕркастысты дыццӕджы сессийы рабадтыл.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг ацы бынаты фӕкуыста фондз азы - 2016 азы апрелӕй фӕстӕмӕ.

Абон ма парламент хъуамӕ ӕркӕса Виталий Савченкойы кандидатурӕмӕ - уый бавдыста президенты прокуроры бынатмӕ.