Транскамыл бакодтой фӕндагон змӕлд

Автотранспорты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой къуырисӕры ӕхсӕвы зӕйтӕ ‘рцӕуыны тасы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ , 13 апр - Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистралы уылты фӕндагон змӕлд бакодтой транспорты алы хуызӕн дӕр, фехъусын кодтой Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Трассӕйы уылты фӕндагон змӕлд бакодтой дыууӕрдӕм дӕр райсом 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Автотранспорты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой къуырисӕры ӕхсӕвы зӕйтӕ ‘рцӕуыны тасы тыххӕй.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.