"Цхинвалы" футболисттӕ фембылд сты "Аланийӕн" Цӕгат Иры фыццагады

Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг хъазты фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕ фӕхӕрд сты 0:5 хыгъдӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг командӕ "Цхинвал"-ы футболисттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг матчы фӕхӕрд сты бынӕттон "Аланийӕн", хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.

"Цхинвалы" футболисттӕ фембылд сты "Аланийӕн" Цӕгат Иры фыццагады

Командӕйы сӕйраг тренер Коцты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕн уыд хорз фадӕттӕ рамбулынӕн, фӕлӕ ауагътой цалдӕр хорз моменты.

"Фыццаг таймы командӕйы капитан Джиджойты Сослан райста травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъазд бынтондӕр нал ацыд. Уымӕй дарддӕр ма командӕ у ӕвзонг - нӕ сын фаг кӕны фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта футболистты тренер.

Хъазт ахицӕн 0:5 хыгъдӕй. Уый адыл командӕ "Цхинвал" ахсы ӕхсӕзӕм бынат Цӕгат Иры чемпионаты.

"Цхинвалы" футболисттӕ фембылд сты "Аланийӕн" Цӕгат Иры фыццагады