Хуссар Иры ПАИ сног кодта скъӕрыны бартӕ ӕмӕ номыртӕ дӕттыны куыст

Республикӕйы фӕстаг рӕстӕджы сӕвзӕрд проблемӕтӕ ацы бланктӕ аразын ӕмӕ республикӕмӕ ӕрласыны фӕдыл. Мидхъуыддӕгты министрад ныфс ӕвӕрдтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ аскъуыддзаг кӕнын фарст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы сног кодтой хӕдтулгӕтӕн номырон нысӕнттӕ, скъӕрыны бартӕ ӕмӕ транспортон фӕрӕзты регистрацийы фӕдыл документтӕ дӕттын. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры ПАИ рӕстӕгмӕ нал дӕтты скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ регистрацийы документтӕ

Республикӕйы фӕстаг рӕстӕджы сӕвзӕрд проблемӕтӕ ацы бланктӕ аразын ӕмӕ республикӕмӕ ӕрласыны фӕдыл. Мидхъуыддӕгты министрад ныфс ӕвӕрдтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ аскъуыддзаг кӕнын фарст.

"Ацы проблемӕ фӕзынд уый тыххӕй, ӕмӕ бланктӕ цы компани цӕттӕ кӕны, уый кусджытӕ иууылдӕр фӕрынчын сты коронавирусӕй. Ныр ногӕй райдыдтам дӕттын скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ техпаспорттӕ", - радзырдтой МХМ.

Уагдоны бафтыдтой, транспорт срегистраци кӕныны фӕдыл ӕвдисӕндар бланктӕ республикӕмӕ кӕй ӕрхӕццӕ уыдзысты ӕввахс 2-3 боны.