Транскам бакодтой – УУМ

Дыццӕджы трассӕйыл фӕндагон змӕлд дыууӕ хатт ӕрурӕдтой ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ дурты ӕркалды тыххӕй и
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистралы уылты автотранспорты змӕлд сног кодтой ӕртыццӕджы райсом 10 сахатӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Знон Транскам дыууӕ хатт сӕхгӕдтой ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ дурты ӕркалды тыххӕй.

"Фӕндагон службӕтӕ ссыгъдӕг кодтой трассӕ дуртӕй, цӕмӕй йыл автотранспорт ӕдасӕй цӕуа", - банысан кодтой УУМ пресс-службӕйы.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.