Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры экс-генпрокуроры йӕ уынаффӕгӕнӕгӕй

Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ссӕрибар кодтой республикӕйы генералон прокуроры бынатӕй ивгъуыд дыццӕджы, 13 апрелы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд экс-генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ уынаффӕгӕнӕгӕй снысан кӕныны фӕдыл.

Ӕмбӕлон барамынд ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл майрӕмбоны.

"Снысан кӕнын Дзӕгъиаты Уырызмӕджы Фридоны фырты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффӕгӕнӕгӕй", - дзырдӕуы барамынды тексты.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг уыд республикӕйы генералон прокурор 2016 азы апрелӕй. Парламент хорзыл банымадта президенты куырдиат Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл ивгъуыд дыццӕджы, 13 апрелы.