Хуссар Иры Ереды хъæуы сæмбæлдысты рог æмæ уæзласæн хæдтулгæтæ

Рог хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ ныццавта æфсæддонты уæзласæн хæдтулгæ фæстийæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ереды хъæуы сæмбæлдысты уæзласæн æмæ рог хæдтулгæтæ. Шофыртæй иу бахауд рынчындонмæ, уый тыххæй Sputnik радзырдтой УУМ пресс-службæйы.

Фæндагон-транспортон цау ʻрцыд цыппæрæмы изæры авд сахатмæ æввахс.

"Цхинвал-Дменисы трассæйы рцыд авари. Рог хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ ныццавта æфсæддонты уæзласæн хæдтулгæ фæстийæ. ВАЗ 2107 шофыр бахауд рынчындонмæ", - загътой уагдоны.

Сæ информацимæ гæсгæ, ФТЦ 'рцыд зианбаййафæджы аххосæй.