Хуссар Иры столицӕйы ссардтой СФХ дуджы срӕмудзӕн ӕрмӕг

Уӕлвӕткон уавӕрты кусджытӕ тӕссаг ӕрмӕгыл фембӕлдысты горӕты ныгуылӕн-цӕггатаг кӕрон , стӕй тӕссаг ӕрмӕг аластой полигонмӕ ӕдасӕй спырх кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хъӕдын хӕдзарады территорийыл Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ ссардтой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы минометон гарзӕг, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

"Цхинвалы хъӕдын хӕдзарады территорийыл ссардтам минометы 30 миллиметрон гарзӕг. Бакастӕй уый у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕгӕй", - загътой уагдоны.

Уым ма банысан кодтой, тӕссаг ӕрмӕг аластой полигонмӕ ӕдасӕй спырх кӕнынмӕ.