Мӕскуыйы Хуссар Иры минӕвар Уӕрӕсейы фембӕлд "РУДН" ректоримӕ

Фембӕлды рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ "РУДН" ректор Олег Ястребов ӕрдзырдтой ахуырад ӕмӕ зонады фадыджы ӕмархайды фарстытыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыры фембӕлд Адӕмон Хӕларады Уӕрӕсейы университеты (РУДН) ректор Олег Ястребовимӕ.

ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой ахуырад ӕмӕ зонады фадыджы ӕмархайды перспективӕты фарстытыл. Олег Ястребов базонгӕ кодта Гасситы Знауыры университеты истори ӕмӕ архайдимӕ, афтӕ ма йӕ фӕхуыдта хайад райсын дистанцион вебинары "РУДН"-мӕ бацӕуыны фӕдыл.

Ректор загъта бузныг минӕварӕн хуссарирыстойнаг студентты тыххӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц университеты ӕмӕ сын банысан кодта сӕ хорз ахуыр ӕмӕ активон хайадист алыгъуызон зонадон мадзӕлтты. Уыимӕ иумӕ Ястребов банфысӕвӕрдта, фидӕны Хуссар Ирыстонӕй студентты нымӕц кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн. Минӕвар загъта бузныг ахуыргӕнӕндоны къухдариуӕгадӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс фидӕны пайдаджын ӕмгуыстадӕн.