Цхинвалы схорзӕхджын кодтой шахматты турниры уӕлахиздзауты

Ерысты уӕлахиздзау ссис республикон ерысты ӕдзухон лидер Саулохты Георгий, дыккаг бынатыл ацыд скъоладзау Къодоты Алан, призерты нымӕцмӕ бахызт Хуыбылты Сослан
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой Гобозты Валерийы фӕндзӕм номарӕн турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты.

Ерысты уӕлахиздзау ссис республикон ерысты ӕдзухон лидер Саулохты Георгий, дыккаг бынатыл ацыд скъоладзау Къодоты Алан, кӕцы бонӕй-бонмӕ хуыздӕр хатдзӕгтӕ ӕвдисы, призерты нымӕцмӕ бахызт Хуыбылты Сослан, уый у Ирыстоны хъайтар, хъахъхъӕнынады министрады бындурӕвӕрджытӕй иу Хуыбылты Валерийы фырт.

"Ерыстӕ цыдысты егъау конкурентон тохы ӕмӕ равдыстой ӕнӕнхъӕлӕджы хатдзӕгтӕ. Призертӕ райстой ахадгӕ дӕр лӕвӕрттӕ, фӕлӕ архайджытӕ дӕр ӕнӕркаст нӕ баззадысты",- загъта Федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.

Сӕйраг уӕлахиздзаутӕй дарддӕр ма рабӕрӕг кодтой хуыздӕр хатдзӕгтӕ сӕ кары категориты.

Кӕстӕрты хсӕн хуыздӕр хатдзӕг равдыста Тыбылты Алан, студентты хсӕн Къӕбулты Алан, 17 азы кары онг скъоладзаутӕ хсӕн ӕнтыстджын уыдысты дыууӕйӕ Бахъаты Гамлет ӕмӕ Цоциты Ацӕмӕз.

Ерыстӕ ацыдысты Спорты ӕмӕ фӕсивӕды политикӕйы комитет, Шахмӕтты федераци ӕмӕ ХИПУ-йы ӕмархайдӕй.