Цхуырбаты Алан: рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр

Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиостанц "Ир-ФМ"-ы сæргълæууæг Цхуырбаты Алан радио Sputnik радзырдта йæ куысты тыххæй
Sputnik
Цхуырбаты Алан: рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр

Ацы аз 11 апрелы паддзахадон радиостанц "Ир-ФМ"-ыл сæххæст 89 аз. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр.

"Ныртæккæ афтæ бирæ ис информаци, æмæ йыл адæймаг не 'ххæссы, уый бандæвта радиойы куыстыл дæр, фæивта йæ формæ дæр æмæ йæ алæвæрдтæ дæр", - загъта Алан.

Радиостанцы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кæд раздæр ног хабæрттæ эфиры цыдысты 10-15 минуты, уæд ныр та ахæм хабæрттæм ничиуал хъусдзæн.

"Не 'мзæххонтæй республикæйы æдде чи цæры, уыдон мын арæх фæдзурынц, зæгъгæ, радио "Ир-ФМ" цæмæннæ ис интернеты. Махмæ гæсгæ уымæн нæй стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уыцы адæмæн цымыдисон нæ уыдзысты бынæттон хабæрттæ", - бафиппайдта Цхуырбаты Алан.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ бирæ актуалондæр у социалон хызæгты парахат кæнын радиойы сæрмагонд алæвæрдтæ.