ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй

Экспонатты нымӕцы ис Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ӕмӕ ноджы раздӕры периоды хӕцӕнгӕрзты 16 макеты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты этнографи ӕмӕ бӕстӕзонынады музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй, фехъусын кодтой Sputnik ахуыргӕнӕндоны пресс-службӕйы. Экспонатты нымӕцы ис Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ӕмӕ ноджы раздӕры периоды хӕцӕнгӕрзты 16 макеты.

ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй
"Экспонатты нымӕцы ис Маузеры зындгонд пистолет, Шмайссеры автомат, Томпсоны пистолет-пулемет ӕмӕ винтовкӕ Винчестер, афтӕ ма дзы ис Наполеоны периоды (1810 аз) пистолет дӕр", - радзырдтой пресс-службӕйы.

ХИПУ ма бафтыдтой, музей кӕй цӕттӕ кӕны ӕрвылазон мадзал Музейты ӕхсӕвмӕ, кӕцы ацӕудзӕн университеты 18 майы ӕхсӕвы. Уый у ӕхсӕнадӕмон акци, кӕцымӕ ахуыргӕнӕндон ӕрбаиу дыккаг хатт.

ХИПУ музей баххӕст кодтой ног экспонаттӕй

Музейы экспонатты нымӕц фылдӕр кӕны – горӕты цӕрджытӕ балӕвар кӕнынц алыгъуызон историон цардуагон дзауматӕ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музейон комплекс сарӕзта ахуыргӕнӕндоны ректор Тедеты Вадим 2019 азы. Уым ӕрӕмбырд кодтой археологи, истори ӕмӕ этографийы экспонаттӕ.