Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 3 296 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 2 949 адӕймаджы сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзоры" сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Уагдоны лабораторийы иу суткӕмӕ сарӕзтӕуыд 87 иртӕсты, уыдонӕй ӕртӕ равдыстой вирусы уӕвынад. Афтӕ ма иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 11 адӕймаджы, хъусдарды бын ма сты 347 адӕймаджы", - банысан кодта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, пандемийы райдайӕнӕй Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 3 296 адӕймаджы, уыдонӕй 2 949 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

Санитарон уагдоны разамонӕг бахахх кодта, республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт кӕй сарӕзтой 21 567  тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.