Радиостанц "ИР"-ы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй кæд раздæр ног хабæрттæ эфиры цыдысты 10-15 минут, уæд ныр та ахæм даргъ хабæрттæм ничиуал хъусдзæн.
"Ныртæккæ афтæ бирæ информаци ис æмæ йыл адæймаг не 'ххæссы, уый та бандæвта радиойы куыстыл дæр, фæивта йæ формæ дæр æмæ йæ алæвæрдтæ дæр", - загъта Алан.