Транскамыл бакодтой фæндагон змæлд

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн фæндагон æзмæлд æрурæдтой æртыццæджы æхсæв тыхджын уард æмæ дурты æркалды аххосæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Транскавказы автомагистраль бакодтой транспорты æппæт хуызтæн, фехъусын кодтой Sputnik РХИ Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.

"Транскам æхгæд уыд æртыццæджы 21:00 сахатæй æвзæр боныгъæд аххосæй, фæндаг хуымæтæг режимы скуыста цыппæрæмы райсом 9.30 сахатæй", - загътой уагдоны..

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.