Дзугаты Къоста: мæ фыд æцæг поэт кæй у, уый бамбæрстон скъоладзауæй
© Sputnik
Зындгонд ирон поэт Дзугаты Геогрийы райгуырдыл ацы аз сæххæст уыдаид 110 азы. Номдзыд фыссӕджы тыххӕй йӕ мысинӕгтӕ радзырда йæ фырт Къоста.
"Нæ йын уыд фæлмæн характер. Хатт-иу мæм тызмæгæй дæр сдзырдта, кæм хъæуы, уым мын-иу зонд дæр бацамыдта куыд схъомылгæнæг", - загъта Дзугаты Къоста.
Къоста куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ стыр бузныг у йæ фыдæй, цы хъомылдзинад ын радта, уый йын кæй бахууыс ис йæ дарддæры цардвæндагыл.
"Йе 'мдзæвгæтæ йын байдыдтон кæсын 5-6 къласы ахуыргæнгæйæ æмæ йæ уыцы рæстæджы банкъардтон, мæ фыд æцæг поэт кæй у, уый", - банысан кодта уый.
Скъолайы фæстæ Дзугаты Къоста арфдæр байдыдта иртасын йæ фыды сфæлдыстад, уæлдай тынгдæр ыл бандæвтой, Фыдыбæстон хæстыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.