Цхинвалы хайы цалдӕр сахатмӕ ахицӕн кӕндзысты электроэнерги

"Энергоресурс"-ы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй рухс ахицӕн кӕндзысты электрохызӕгты хаххыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ауадзыны аххосӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг хай майрӕмбоны баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй, фехъусын кодтой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.

Электроэнерги цалдӕр сахатмӕ ахицӕн кӕндзысты столицӕйы микрорайон БАМ-ы.

"Цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй майрӕмбоны электроэнерги ахицӕн кӕндзысты БАМ-ы районы 11.00 сахатӕй фӕстӕмӕ", - банысан кодтой "Энергоресурс"-ы.

Энергетикон уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, электроэнерги ратдзысты 15.00 сахатыл.