Сӕйраг у дӕхи бафӕдзӕхсын: Хуссар Иры нысан кӕнынц Зазхӕссӕн

Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бон сӕйраг у дунескӕнӕджы хорзӕх райсын, адӕм та рӕдыдӕй тырнынц донхӕристӕ бахӕссын сӕ хӕдзӕрттӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны чырыстон диныл хаст адӕм банысан кӕндзысты Зазхӕссӕн. Фыд Иаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы бон сӕйраг у дунескӕнӕджы хорзӕх райсын, адӕм та рӕдыдӕй тырнынц донхӕристӕ бахӕссын сӕ хӕдзӕрттӕм.

"Зазхӕссӕны мадзӕлттӕ райдайдзысты сабаты изӕры Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы Хуыцаумӕ скуывдӕй. Хуыцаубоны райсом дӕс сахатыл та райдайдзӕн донхӕристы аргъуыд. Ахсджиаг у цӕмӕй ацы рӕстӕг уай кувӕндоны ӕмӕ куывды хорзӕх райсай. Бирӕтӕ та сӕ сыхагмӕ бахатынц, цӕмӕй сын схӕсса донхӕристӕ. Уый та у ӕрмӕст зӕрдылдарӕн"- загъта динамонӕг.

Фыд Иаковы ма банысан кодта, хуыцаубоны Хуыцаумӕ скуывды фӕстӕ 12 сахатмӕ ӕввахс рӕстдинонтӕ ӕмӕ динамонджытӕ араст уыдзысты Згъудеры фӕндаггӕрон цы дзуар ис, уырдӕм.

"Уым донаргъуыд кӕндзысты донхӕристӕ",- бафтыдта уый.