Бибылты Анатолий фехъусын кодта майы ӕнӕкусӕгон бонты тыххӕй

Президенты барамындмӕ гӕсгӕ республикӕйы улӕфдзысты дӕс бон фӕд фӕдыл – 1-ӕй 10-ӕм маймӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд майы улӕфт бонтӕ адарддӕр кӕныны фӕдыл – ӕнӕкусӕгон бонтӕ уыдзысты 1-ӕй 10-ӕм маймӕ. Документ ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.

"Коронавирусы апарахаты фӕкъаддӕры тенденци бавӕрын, Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕнӕниздзинад сфидар кӕнын ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 47-ӕм статьямӕ гӕсгӕ снысан кодтон 2021 азы 4-ӕй 7-ӕм маймӕ ӕнӕкугон бонтӕй", - дзырдӕуы барамынды тексты.

Раздӕр, бӕрӕгбонты къӕлиндар ӕмӕ хицауады барамындмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты улӕфт бонтӕ 1-ӕй 3-ӕм маймӕ Фӕллойады боны цытӕн, афтӕ ма 8-ӕй 10-ӕм маймӕ Стыр Уӕлахизы боны цытӕн.

Ивгъуыд къуыри майы бӕрӕгбонтӕ адарддӕр кодтой Уӕрӕсейы дӕр – президент Владимир Путин хорзыл банымадта Роспотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хъӕппӕрис ӕмӕ расидт ӕнӕкусӕгон бонтӕ 1-ӕй 10-ӕм маймӕ.